Гуырдзыстоны 600 минæй фылдæр æмбæстæгтæн хардзгондыл нымад æрцæудзæн банкъыты, онлайн организациты æмæ æндæр финансон институтты цы хæс дарынц, уый [видео]
Гуырдзыстоны 600 минæй фылдæр æмбæстæгтæн банкъыты, онлайн организациты æмæ æндæр финансон институтты цы хæс дарынц, уый сын хардзгондыл нымад æрцæудзæн. Уый тыххæй, Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе, хицауады абоны рабадты райдаыны размæ райхъусын кодта.
Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, хæсты сфыссыны процесс райдайдзæн 15 декабры æмæ 31-æм декабры онг фæуыдзæн.
Афтæма, премьер-министр куыд банысан кодта, хæсты сфыссыны процесс, сæххæст уыдзæн фонд «Картуйы» руаджы.
«Стыр бузныг фонд «Картуйæн». Фонды æххуысы руаджы нын бантысдзæн иттæг нысаниуæгджын инициативæйы реализаци. Фæнды мæ бамбарын кæнын дзыллæйæ – а.х. сау номхыгъды фиксиргонд хæсты зæгъæн ис 95% сты уыцы кредиттæй, кæцыйы сæйраг суммæ нæу 2000 ларийæ фылдæр. Дзырдæуы 600 мин æмбæстагы финансон хæстыл, банкъыты, онлайн организациты кæнæ æндæр финансон институтты æрдæм, кæцы æмтгæй райсгæйæ у миллиард æмæ æрдæг ларий бæрц. Абоны уынаффæйæ, ацы хæстæ æрфысдзысты не мбæстæгтæн. Фæнысан кæнинаг у, цæмæй категоримæ хауынц социалонæй æнæхъаххъхъæд æмæ амалхъомдзинад цух æмбæстæгтæ. Ныр цæуы куыст хæсдарджыты реестры базæтыл. Кредитты нулы онг æрфыссыны процесс райдайдзæн 15 декабры æмæ 31 декабрмæ фæуыдзæн», – райхъусын кодта Мамука Бахтадзе.