Гуырдзыстонмæ урæд авиазмæлды аххосагæй, уырыссаг авиакомапнитæ милуангай рубл фесæфтой, уыдон компенсаци курынц
Гуырдзыстонмæ урæд авиазмæлды аххосагæй, уырыссаг авиакомапанитæ милуангай рубл фесæфтой, уыдон компенсаци курынц
Информаци «Эхо Кавказа» парахат кæны. Ралæвæрд фыссы, цæмæй уырыссаг авиакомпани «Победа» транспорты министрадмæ фыстæг арвыста, кæцыйы ис фыст, цæмæй снысан уа æмгъуыд, кæд суыдзæн компанийæн лæвæрд фадат Гуырдзыстонимæ авиазмæлды аххосагæй сæфт æфтиагы компенсаци райсын.
Авиакомапниты фæурæды онг Батум æмæ Тбилисмæ авиарейстæ «Победа», «Аэрофлот», «S7», «Ред вингс» æмæ «Смартавия» æххæст кодта. «S7» -ы сидынц, цæмæй компани 600 милуан рублы онг зиан баййæфта. Компани «Ред вингс» та 200 милуаны рублы онг.
Уæрæсе Гуырдызстонмæ авиазмæлд 8-æм июны фæурæдта. Уæрæсейы Думайы депутат Сергей Гаврилов Тбилисмæ куы æрцыд æмæ парламенты спикеры бандоныл куы сбадт, цæй фæстиуæг дæр Тбилисы масштабон протестон акцитæ сырæзт.