Гуырдзыстонмæ Польшæйæ  æрбафтыд 468000 дозæ «Pfizer»-ы вакцинæ
Гуырдзыстонмæ Польшæйæ æрбафтыд 468000 дозæ «Pfizer»-ы вакцинæ

Гуырдзыстоны хицауадмæ Польшæйы  хицауадæй рæбафтдзæн 468 000 дозæ  «pfizer»-ы вакцинæ.

Гуырдзыстоны æнæнизхъахъхъæды министрады информацийæ,  донацийы  фыццаг  хай, бæстæмæ нырид æрластой.

Афтæма сæ  информацийæ,   уаргъ алæвæрды мадзалыл æнæнизхъахъхъæды министры  фыццаг хæдивæг  Тамар Габуниа, Польшæйы минæвар Гуырдзыстоны Мариуш Машкиевич, фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг  Александре Хвтисиашвили  æмæ  низты  контролы  центры къухдариуæггæнæг Амиран Гамхърелидзе  уыдысты.

Æнæнизхъахъхъæды  министрады куыд хъусын кæнынц афтæмæй,  «Pfizer»-ы вакцинæ  бæстæмæ, фондз этапæй, иннæ  къуырийы дæргъы  æрласдзысты.