Гуырдзыстонмæ официалон визитæй æрцæудзæн Уругвайы фæсарæн хъуыддæгты министр
2021 азы 18-20 августы Уругвайы фæсарæн хъуыддæгты министр Франсиско Бустилио Бонасо, регионон турнейы фæлгæтты, официалон визитæй фæуазæг уыдзæн Гуырдзыстонмæ.
Фæсарæн хъуыддæгты министрады информацийæ, визиты фæлгæтты фæсарæн хъуыддæгты министр фембæлдтæ ауадздзæн Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвилиимæ, вице-премьер, фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалианиимæ æмæ вице-премьер, хъæууон хæдзарады æмæ æрдзы хъахъхъæды министр Леван Давиташвилиимæ.
Визиты фæлгæтты Уругвайы фæсарæн хъуыддæгты министр Франсиско Бустилио Бонасо горæты культурон фендтæгтыл ахæсдзæнцæст, сæ нымæцы Гуырдзыстоны националон музеймæ дæр фæуазæг уыдзæн.