Гуырдзыстонмæ Германийы бундестагы Германи-Хуссар Кавказы парламентон къорд æрцæудзæн
22-24 сентябры Гуырдзыстонмæ Германийы бундестагы Германи-Хуссар Кавказы парламентон къорд æрцæудзæн.
Визиты фæлгæтты плангонд сты фембæлдтæ Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвилиимæ, Гуырдзыстоны парламенты сæрдæр æмæ æндæр комитетты сæрдæрттимæ æмæ Гуырдызстоны фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг Александре Хвтисиашвилиимæ.
Делегацийы визиты нысан у бирæазон уæвæг дзæбæх парламентон æмахаст адарддæр кæнын æмæ фæарфдæр кæнын, æрмæст сæйраг темæтæ уыдзæн барадон паддзахады фарстатæ, мидæгон æмæ æддаг политикæ, афтæма Европаг политикæйы æрдæмадтæ.
Уымæй дарддæр ма, делегацийы уæнгтæ фæныхас кæндзысты рæзынады, социалон æмæ æхсæнадон политикæйы темæтыл æмæ гом форматы æркæсдзысты демократийы, адæймаджы барты æмæ прессæйы сæрибарзинады фарстатæ.
Визиты нысан афтæдæр у депутаттимæ Гуырдзыстоны æмбæстагон дзыллæйы минæвæрттимæ цæдистæ фæарф кæнын, бынатыл информаци райсын æмæ фидæнон æмгуыстады фадæттæ æркæсын», – банысангонд у Гуырдзыстоны Германийы минæварады информацийы.