Гуырдзыстонмæ фæуазæг уыдзæн Сау Денджызы экономикон æмгуыстады организацийы генералон нымæрдар
Гуырдзыстонмæ фæуазæг уыдзæн Сау денджызы экономикон æмгуыстады организацийы (BSEC) генералон нымæрдар, Лазар Команеску. Уый фæдыл информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад.
Уагдоны хъусинагæй, 17-19 октябры, Гуырдзыстонмæ визиты фæлгæтты, Лазар Команеску фембæлдтæ ауадздзæн Гуырдзыстоны вице-премьеримæ, фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалианиимæ.
«Фембæлдыл каст уыдзæн Сау Денджызы бассйены фæлгæтты эконоимкон æмгуыстады перспективæтæ, афтæдæр куыд регионы æдасдзинады æрдгæй уæвæг уавæр.
Уыимæ иумæ, визиты фæлгæтты, Сау Денджызы экономикон æмгуыстады организацийы генералон нгымæрдар, Гуырдзыстны парламенты фембæлд ауадздзæн культурæйы комитеты сæрдаримæ, Элисо Болквадзеимæ. Банысан кæнын хъæуы, цæмæй 2021 азы фыццаг июлæй, 2021 азы 31 декбары онг, Гуырдзыстон у BSEC-ы сæрдар бæстæ» – банысангонд у Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады информацийæ.