Гуырдзыстонмæ фæуазæг ис Турчы парламенты сæрдар
Гуырдзыстонмæ Турчы Республикæйы стыр национ ассамблейы сæрдар Мустафа Шентоф æрцыд.
Турчы Республикæйы стыр национ ассамбленйы сæрдарæн, Тбилисы æхсæнадæмон аэропорты йæ размæ рацыдысты Гуырдзыстоны парламенты фыццаг вице-спикер Гиорги Вольски æмæ диаспорæйы æмæ Кавказы фарстаты комитеты сæрдар, Турчы Республикæйы парламентимæ хæларады къорды къухдариуæггæнæг Бека Одишариа.
Турчы стыр национ ассамблейы сæрдар фыццаг фембæлд Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвилиимæ ауадздзæн. Афтæма плангонд у парламенты сæрдары æмæ депутатты фембæлд ауæрæхгонд форматы Турчы делегациимæ.
Фембæлды фæстæ, Шалва Папуашвили æмæ Мустафа Шентоф Гуырдзыстоны æмæ турчы Республикæйы парламентты æхсæн æмгуыстады меморандум бафысдзысты æмæ иуæймаг фидиуæн сараздзысты.
Информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны парламенты пресс-уагдон.