Гуырдзыстонмæ фæуазæг ис Азербайджаны парламенты сæрдар

11:55, 19.04.2022

Гуырдзыстонмæ  абон официалон визитæй  Азербайджаны  Республикæйы  Мили Меджлисы  сæрдар, Сахиба Гафарова   делегациимæ иумæ фæуазæг ис.

Тбилисы  Шота Руставелийы  номыл  æхсæнадæмон  аэропорты  уазæгæн  йæ размæ рацыд  Гуырдзыстоны парламенты сæрдары хæдивæг,  Азербайджаны  парламентимæ   хæларады  къорды къухдариуæггæнæг   Арчил Талакъвадзе.

Визиты фæлгæтты, Меджлисы сæрдар фембæлдзæнис  Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Шалва Папуашвилиимæ.  Фембæлды фæстæ  Шалва Папуашвили æмæ Сахиба  Гафарова  прессæйæн   иумæйагæй  фидиуæнтæ  сараздзысты.

Визиты фæлгæтты  плангонд у  Гуырдзыстоны  парламенты сæрдары хæдивæгы æмæ Гуырдзыстон-Азербайджаны  парламентон хæларады  къорды  къухдариуæггæнæг  Арчил Талакъвадзейы   фембæлд Азербайджан-Гуырдзыстоны  хæларады къорды къухдариуæггæнæг Арзу  Нагъиевимæ.

Хуыздæр