Гуырдзыстонмæ Ботсваннайы фæсарæн хъуыддæгты æмæ æхсæнадæмон æмгуыстады министр Унити Доу æрцæудзæн
3-5 июны Гуырдзыстонмæ Ботсваннайы фæсарæн хъуыддæгты æмæ æхсæнадæмон æмгуыстады министр Унити Доу æрцæудзæн.
Гуырдызстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады информацийæ, визиты фæлгæтты Бостваннайы делегаци Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвилиимæ, парламенты сæрдар Ираклий Къобахидзеимæ, фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалианиимæ, афтæдæр экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министр Натиа Турнаваимæ фембæлдзæн.
Унити Доу сæ ном ссардзæн Гуырдзыстоны иудзинадæн тохы мард хъайтартæн æмæ дидингуытæ сæвæрдзæн мемориалыл. Бостваннайы делегаци афтæдæр абæрæг кæндзæн тыхыбын бынативгæ уæнгты цæрæн рæттæ æмæ Хурвалеты хъæуы арæнгæрон оккупацион хахх фендзæн.
«Бостваннайы фæсарæн хъуыддæгты æмæ æхсæнадæмон æмгуыстады министры Гуырдзыстонмæ визит у дыууæ бæстæйы хæлавсыхагон ахастыты бæлвырдгæнæн æмæ дыууæфарсон æххуысы æвдыст»- хъусын кæнынц Гуырдзыстоны æддагполитикъон уагдоны.