Гуырдзыстонмæ æрцыд НАТО-йы   парламентон ассамблейы президент
Гуырдзыстонмæ æрцыд НАТО-йы парламентон ассамблейы президент

12-13 сентябры  Тбилисмæ  æрцыд НАТО-ы  парламентон ассамблейы  президент  Медлин  Мун  НАТО-йы  парламентон делегациимæ иумæ.

Гуырдзыстоны  парламенты пресс-куысты  информацийæ,  визиты фæлгæтты   Медлин Мун  фембæлдтæ  сараздзæн   Гуырдызстоны президент Саломэ Зурабишвилиимæ,  парламенты сæрдар Арчил Талакъвадзеимæ æмæ хъахъхъæнынады министр Ираклий Гъарибашвилиимæ.

Плангонд у  фембæлд  хъахъхъæнынады æмæ æдасдзинады  комитетты сæрдартимæ, НАТО-ы  парламентон ассамблейы  Гуырдзыстоны  парламенты иугæндзонархайæг  делегацийы   къухдариуæггæнæгимæ, Ираклий Сесиашвилиимæ æмæ парламенты æддæ ахастыты  комитеты сæрдар Сопио  Кацараваимæ.

Гуырдзыстоны парламенты  фембæлдтæ  ацæудзæн  Гуырдзыстон-НАТО-йы  æхсæнпарламентон   советы уæнгтимæ,  парламентон фракциты  æмæ парламентон  фылдæрты  минæвæрттимæ.

Медлин Мун  НАТО-йы   æмцæдисонон   офисы æмæ æнæхицауадон организациты  минæвæрттимæ фембæлдзæн.

Программæйы  фæлгæтты плангонд у НАТО-Гуырдзыстоны  ахуырты æмæ аргълæвæрды  иумæйаг центры  фенын.

НАТО-йы  парламентон ассамблейы  президент афтæдæр абæрæг кæндзæн администрацион арæнон хахх,  хъæу Диди Хурвалетийы.