Гуырдзыстонмæ æрцæудзæн  Данийы фæсарæн хъуыддæгты министр
Гуырдзыстонмæ æрцæудзæн Данийы фæсарæн хъуыддæгты министр

Цæугæ азы   14-15  майы  Гуырдзыстонмæ  визитæй æрцæудзæн  Данийы  паддзахады  фæсарæн ъуыддæгты министр Ларс Локе Расмусен.

Информаци уый фæдыл  хъусын кæны Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты мнистрад.

Афтæма сæ информацийæ,  Данийаг  коллегæйæн  сфысым кæндзæн Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Илиа Дарчиашвили,  ацæудзæн    фембæлд  куыд  хицæн форматы, афтæ   дыууæ  бæстæйы  делегациты  æхсæн.

«Визиты фæлгæтты Данийы  паддзахады фæсарæн хъуыддæгты министримæ фембæлд ауадздзæн   Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Гъарибашвили. Ларс Локе Расмусенимæ иумæ ис  Данийы  бизнесделегаци,  ацæудзæн   министрты æмæ  бизнесделегациты фембæлд  Гуырдзыстоны  вице-премьеримæ, экономикæйы  æмæ æнæфæцудгæ рæзынады  министримæ, Леван Давиташвилиимæ.

Банысанкæнинаг у, цæмæй визиты   фæлгæтты  Данийы  фæсарæн хъуыддæгты министр гуырдзиаг коллегæимæ,  Илиа Дарчиашвилиимæ  иумæ, официалонæй  байгом кæндзæн Гуырдзыстоны  Данийы  минæварад.

Ларс Локе Расмусен  оккупацион хаххмæ  ныццæудзæн  æмæ   бынатыл æрзонгæ уыдзæн   уæвæг уавæримæ», –   банысангонд у официалон информацийы.