Гуырдзыстонмæ абон ОБСЕ-йы генералон нымæрдар æрцыд
Банысанкæнинаг у , цæмæй генералон нымæрдары рангы уый у йæ фыццаг визит Гуырдзыстонмæ.
Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрады информацийæ, визиты фæлгæтты палнгонд сты ОБСЕ-йы генералон нымæрдары фембæлдтæ Гуырдзыстоны президентимæ, премьер-министримæ, æттаг хъуыдтæгты министр æмæ парламенты бæрнонтимæ.
Уагдоны информацийæ, фембæлдтыл ныхас баххæсдзæн Гуырдзыстоны окупиргонд регионты æдасдзинады æмæ адæймагы барты къуымæй уæвæг уæззау ситуацимæ, Уæрæсе-Гуырдзыстоны конфликты сабырадон æрбиноныгы процессы ОБСЕ-йы бастдзинады нысаниуæг, Гуырдзыстоны цæугæ æмæ плангонд реформæтæм демократи æмæ адæймагы барты хъахъхъæды сферайы.