Гуырдзыстонæн Европæйы энергохызагимæ йæхи сбæттыны фадат гæнæн ис фæзына , Сау Денджызы уылты цæугæ доныбын электроадæттæн хаххы фæрцы
Гуырдзыстонæн Европæйаг энергохызагимæ йæхи сбæттыны фадат гæнæн ис фæзына , Сау Денджызы уылты цæугæ доныбын электроадæттæн хаххы фæрцы .
Фыццаг Къаналæн компани Grossenergygroup-ы минæвар Ираклий Тхъебучава куыд фехъусын кодта, афтæмæй нырид уагъд у проекты развæлгъау техникон-экономикон иртаст. Бакастуыдзæн Болгариимæ æмæ Румыниимæ иугæнæг хаххы айтындзын. Арæзтады аргъ, куыд æнхъæлынц афтæмæй уыдзæн 3 миллиард АИШ-ы дооларæй фылдæр.
Проекты сæххæсты цауы, Гуырдзыстон баст уыдзæн Европаг энергохызагимæ æмæ гæнæн суыдзæн электроэнергийы бадæттын уый нымæцы Хуссар Кавказы æндæр паддзахадтæй.
Проекты концепцийæн йæ фарс хæцы «Гуырдзыстоны-Евроцæдисы бизнес-совет». Фæнысангондмæ гæсгæ, хицауады минæвæрттимæ æмæ æхсæнадæмон организацитимæ, консультацитæ план кæнынц.