Гуырдзыстонæй Туркмæ ахизыны фæтк  ивд æрцыд
Гуырдзыстонæй Туркмæ ахизыны фæтк ивд æрцыд

Турк  Гуырдзыстоны  æмбæстæгтæн  арæныл ахизыны  регуляцитæм  ивдтытæ  бахаста.

Æмбæлон информаци  Батумы  Турчы консулады  официалон  веб-фарсыл  æрцыд публикацигонд.

Ивдтытæм гæсгæ , 2018 азы  фыццаг  январæй  Турчы   арæныл  ахизын  æмæ территорийыл чысыл рæстæгæй  баззайын дæр,   нымадмæ ист æрцæудзæн иу къæлиндарон  боныл.

Гуырдзыстоны  æмбæстæгтæн Турчы территорийыл уæвыны бар ис  180 бонон  периоды  90 боны  æмгъуыдæй.  90 боны аивгъуыды фæстæ  та сæ бахъæудзæн цæрыны  баргæххæт  райсын.