Гуырдзыстонæй  Иранмæ абон ноджы 300-ы  онг  ирайнаг æмбæстаг  араст уыдзæн
Гуырдзыстонæй Иранмæ абон ноджы 300-ы онг ирайнаг æмбæстаг араст уыдзæн

Иран æмæ Гуырдзыстоны  æхсæн  авиазмæлды  арæнæвæрды  фæстæ, Ираны   æрдæм  ноджы иу рейс сыххæст уыдзæн.

Гуырдызстонæй   Иранмæ  абон 300-ы онг  æмбæстаг араст уыдзæн.

Тбилисы  æхсæнадæмон  аэропорты  хъусинагæй,   Ираны  æмбæстæгты  фыдыбæстæмæ  æрыздæхынæн, ноджы  цалдæр  авиарейс  сыххæст уыдзæн.

Гуырдзыстоны хицауады  скуыддзагæй,   коронавирусы  ахæлиуы  превентивон  мадзæлтты  фæлгæтты,   рæстæгмæ  урæд æрцыд  Иранæй   Гуырдзыстонмæ   бæлццæтты  уæлдæфон  фæндагæй  æрласт.

Авиакомпанитæм та лæвæрд æрцыд фадат,  æртæхой Гуырдзыстонмæ   афтид  бортæй æмæ сæрмагонд  æмбæстæгты  Гуырдзыстонæй  аласой  Иранмæ.