Гуырдзыстон вакцинайы фыццаг парти иу мæйы мидæг райсдзæн
Уый фæдыл инфекцион патологи æмæ СПИД-ы центры генералон директор Тенгиз Церцвадзе расидтис.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, вакцинайы фыццаг этап уыдзæн «Файзеры» цалдæр мин дозæ.
«Гæнæн ис æмæ уый уа иу мæйы мидæг. Иннæ парти палнгонд у фыццаг кварталы кæрон, марты фæуды. Уый уыдзæн фылдæр нымæцæй «Астразенека», кæронбæттæн æскъуыддзаг ист нæу. «Астразенека» Гуырдзыстонæн оптималон у.
Йæ фидиуæнмæ гæсгæ, фыццаджы дæр вакцинаци риск-къордтæ ацæудзысты. Церцвадзе сиды, цæмæй æнæмæнг у æмбæстæгты 60% вакцинаци.