Гуырдзыстон уыцы бæстæты æхсæн ис, кæцыты æмбæстæгтæн фыццаг июлæй, Евроцæдисы территоримæ бахызт уæгъд уыдзæн
Евроцæдисы уæнг бæстæты минæвæрттæ, уыцы бæстæты омхыгъдыл æрфидыдтой, кæцыты æмбæстæгтæн, Евроцæдисы территоримæ балц кæнын фыццаг июлæй уыдзæн бар. 14 бæстæйы нымæцы ис Гуырдзыстон дæр. Æппынфæстаг номхыгъд, официалонæй къуырисæры хъæлæсты фылдæры хайæ хъуамæ сбæлвырд уа. Уый фæдыл информацийы хъусын кæны францаг рауагъдад «Ле Монд».
Фæнысангонд номхыгъдмæ нæ бацхаудысты ахæм бæстæтæ, цахæм дæр сты: АИШ, Уæрæсе, Израиль, Турк æмæ Сауды Арави, бæстæтæ цы ран «Ковид-19»-ы пандеми тынг карз фазæйы ис.
Гуырдзыстонæй дарддæр ма, уыцы 14 бæстæйы æхсæн, кæцытæн фыццаг июлæй Евроцæдисы арæнтæ гом уыдзысты, афтæдæр сты Австрали, Ног Зеланди, Япони, Хуссар Корея, Канадæ, Монтенегро, Серби, Тайланд, Уругвай, Руанда, Алжир, Марокко æмæ Тунис.