Гуырдзыстон, Украинæ æмæ Молдовайы æттаг хъуыдтæгты министртæ Евроцæдисимæ интеграцийы фæдыл иумæйаг фидиуæныл сæ къух æрфыстой
Гуырдзыстон, Украинæ æмæ Молдовайы æттаг хъуыдтæгты министртæ Евроцæдисимæ интеграцийы фæдыл иумæйаг фидиуæныл сæ къух æрфыстой
Словакийы, горæт Братиславайы «Скæсæн партнерады» ассоциргонд бæстæты æттаг хъуыдтæгты министртæ сæ къух æрфыстой иумæйаг фидиуæныл Евроцæдисимæ æртæ ассоциргонд бæстæйы европон интеграцийы фæдыл.
Документ – фыццаг иумæйаг фидиуæн у, Евроцæдисы интеграцийы фарстайы фæдыл, кæцыйыл æртæ бæстæйы æттаг хъуыдтæгты минситртæ æрфыстой къух.
Снысангонд фидиуæн министртæ Евроцæдисы ног бæрнон -Жозеф Борелмæ алæвæрдтой. Документ Евроцæдисы «Скæсæн партнерады» 10 азон юбилейы æмæ фидæны фæдыл æмæ ассоциргонд бæстæты Евроцæдисмæ интеграцийы амбицион боны фæткъ дары йæ зæрдыл.
Банысанкæнинаг у, цæмæй Гуырдызстон , Украинæ æмæ Молдовæйы инициативæ бындурæвæрд уа «Евроцæдис+æртæ ассоцирдзинад бæстæйы» диалогы формат транспорт, энергетикæ æмæ æндæр сферæты.
Ассоциргонд бæстæты расидæнмæ гæсгæ, Евроцæдисы скæсæн партнерады политикайы бындурæвæрдæй 10 азы юбилейы, нысаниуæгджын у сбæлвырд уа форматы фидæн къахдзæфтæ, даргъæмгъуыдон стратеги æмæ политикон нысæнттæ, кæцытæ фæндаг бакæндзысты партнер бæстæты Евроцæдисимæ æввахс æмкуыстдзинадæн.
Гуырдызстон, Украинæ æмæ Молдовæйы министртæ сидынц, цæмæй æртæ бæстæ дæр, куыд европон паддзахадтæ, кæцытæ йæ фарсыл хæцынц европон фундаменталон принциптæн, ассоцирдзинады бадзырды сыххæсты фæстæ, бакæсдзысты Евроцæдисмæ интеграцийы фидиуæны сарæзт, Евроцæдисы бадзырды 49-æм пункты бындурыл.