Гуырдзыстон уазæджы статусæй хайад райсдзæн  гастро-конгрессы Madrid Fusión 2024
Гуырдзыстон уазæджы статусæй хайад райсдзæн гастро-конгрессы Madrid Fusión 2024

29-31-æм  январы горæт Мадриды сеппæтæй ахадæг гастро  конгресс «Madrid Fusión 2024»-ы уыдзæн бавдыст, – уый фæдыл  информаци  туризмы национ  администраци хъусын кæны.

Афтæма сæ информацийæ, мадзалы Гуырдзыстон  хайад райсдæн уазæгы статусæй.

«Æхсæнадæмон конгрессыл Гуырдзыстоны туризмы   национ администрацийы  стенды цур  уазджытæн æмæ  кулинарийы сферæйы минæвæрттæн фадат уыдзæн, æрзонгæ уой гуырдзиаг   хæринæгтимæ, сæны æмæ  туристон продукттимæ.  Гуырдызстоны стендыл  интеграцигонд уыдзæн  «Show Kitchen».

Уазæджы статусы фæлгæтты Гуырдзыстоны туризмы  национ администрацийæн уæлæмхасæй рауæлдай уыдзæн   тематон сценæтæ, кæцыйы  фæлгæтты  сæйраг  сценæйыл   гуырдзиаг   хæринæгты  мастеркласстæ æмæ  æртæ хуызы  сæны  дегустаци  ацæудзæн.

Æртæ боны дæргъы гуырдзиаг цæлгæнæн гастрономийы  профессионалты  хъусдарды центры уыдзæн.  «Madrid Fusión 2024»-ыл  хайадæй  Гуырдзыстоны гастрономион  æрдæмадимæ æрзонгæ уыдзысты  æппæт Дунейæ.

Æхсæнадæмон гастро конгрессыл  Madrid Fusión 2024, Испани, Швейцари, Норвеги, Дани, Франц, Бельги, Италиа, АИШ, Аргентинæ, Колумби, Корея, Филлиппинтæ, Чиле æмæ æндæр  бæстæтæ  райсдзысты  хайад», – банысангонд у  туризмы национ администрацийы  информацийы.