Гуырдзыстон Уæрæсейы ныхмæ, Страсбургы тæрхондонмæ ног хъаст бахаста
Гуырдзыстон Уæрæсейы  ныхмæ, Страсбургы тæрхондонмæ  ног хъаст бахаста

Гуырдзыстоны   юстицийы  министрад   21 августы  Страсбургы  тæрхондонмæ   Уæрæсейы   Федерацийы ныхмæ  Гуырдзыстоны номæй  ног  æхсæнадæмон  хъаст  бахаста  «Гуырдзыстон Уæрæсейы Федерацийы ныхмæ».

«Хъаст æххæссы  Уæрæсейы æрдгæ  оккупацигонд Гуырдзыстоны   территоритыл  æмæ  оккупацион  хаххы  дæргъмæ  Гуырдзыстоны  цæрджыты   массон æфхæрыны,  ахстыты, лæбурдтыты  æмæ  сæ марындзинады  администрацийы  практикæмæ,  кæцы сæрмагондæй   фæтыхджындæр ис  2008 азы   хæсты   фæстæ  æмæ  критикон  нысанмæ  баххæссыд  цæугæ  азы   февралы Арчил Татунашвилийы  хъизæмары æмæ   марындзинады рæстæджы» – хъусын кæнынц  юстицийы  министрады.

Уагдоны хъусинагæй  Гуырдзыстоны  сæйраг æркуырд у,  цæмæй европаг   тæрхондон  сбæлвырд кæна Уæрæсейы  бæрн  Европæйаг  конвенцийы  цалдæр  статийы  хæлды тыххæй.  Сæрмагондæй та  дæргъвæтин  оккупацийæ,   телтæй æмбондты  айтындзынæй  æмæ Гуырдзыстоны  цæрджыты  æрдæм уагъд   кампанийæ, Уæрæсейы  æрдгæй   хæлд цæуы  Европаг  конвенцийы  2-æм  (Царды бар), 3-æм (Хъизæмары тобæ), 5-æм (Сæрибардзинады æмæ æдасдзинады бар), 8-æм (сæрмагонд æмæ бинонты  цардæн цыт)  æмæ 13-æм  статиты  (бараддмæ гæсгæ  архайадон  амæлтты райсты бар) статитæ, фыццаг протоколы фыццаг (сæрмæмулкъы бар) æмæ 2-аг  (ахуырады бар) статитæ, 4-æм  уæлæмхас  протоколы  2-аг  стати  (дыууæрдæм змæлды  сæрибардзинад).

Юстицийы  министрады хъусинагæй,  ацы  хæлдтытæн ис  дискриминацион  мотив æмæ  сæ нысан у  этникон гуырдзиæгты  ноджы фылдæр бауынгæг  æмæ тæрсын кæнын,   цæмæй бахъыгдара  Гуырдзыстоны  цæрджыты Абхаз  æмæ  Цхинвалы регионмæ  æрыздæхынæн.

«Уымæ  æмбæлгæйæ дæр,  æмтгæй хæлы  конвенцийы  14-æм (дискриминацийы тобæ)  æмæ 18-æм (барты арæнæвæрдтæй спайдайы  фæлгæттæ)  статитæ,  конвенцийы  5-æм статиимæ (сæрибардзинады æмæ æдадсзинады бар), фыццаг протоколы фыццаг (сæрмæмулкъы бар) æмæ 2-аг (ахуырады  бар)  статиты æмæ  4-æм  уæлæмхас  протоколы  2-аг  статиимæ (дыууæрдæм цыды сæрибардзинад).

Гуырдзыстон Страсбургы  тæрхондонæн бавдыста æмбæлон бæлвырдгæнæнтæ  æмæ  хъасты  дырысæй  бавдыста  Уæрæсейы  бæрны фарста  оккупацигонд Гуырдзыстоны  территоритыл  æмæ   оккупацион хаххы дæргъмæ  цæрæг адæмы  барты   хæлды  админристрацион   практикæйы тыххæй.  Æндæрты  нымæцы,  сæрмагонд хъусдард здæхт æрцыд  Арчил Татунашвилийы,  Гига Отхозориайы æмæ Давит  Башарулийы  марындзинады хъуыддæгты æрдæм» –  хъусын кæнынц  юстицийы  министрады.

Уагдоны  хъусинагæй,   хъасты мидæг афтæдæр дырысæй  банысангонд у  цæмæй Гуырдзыстон   алы амæлттæй  архайы  сæрмагонд  процедурон  хæстæ  сæххæст кæнын,   кæцыты фæлгæтты  дæр фæбæрæг сты бæрнон  уæнгтæ æмæ   активонæй  æххæст цæуы,  æхсæнадæмон , уый  нымæцы  интерполы  механизмæй  пайдакæнынад.

«Æнæкæсгæ  уæлдæрбанысангондмæ,   уый зæрдыл даргæйæ цæмæй  фыдракæндтæ  æххæст сты  Уæрæсейы æрдгæй оккупацигонд  Гуырдзыстоны территорийыл,   Гуырдзыстоны  прокуратурæмæ нæй фадат,  æххæстæй  рабæрæг кæна  алы  аууæл  æмæ  дзуаппмæ  ратта  алы  фыдгæнæг гоймаджы.  Сæ нымæцы   ацы  этапыл не нтысы  Арчил Татунашвилийæн сæрибардзинад  æнæзакъононæй  æмбондгæнæг  уæнгты  идентификаци. Сæрмагондæй та, фæдæвзарыны процессы  ис   цалдæр куылымпыдзинад:  абоны онг нæу сгæрст  цауы  бынат; оккупацион режимы минæвæрттæ, фактонæй  нæзагъд кæнынц  Арчил Татунашвилийы  хуылфы оргæнты, мобилон телефоны  æмæ  пысулты  радæттыныл, кæцыты конд дæр уыд  хъизæмары æмæ мæлæты рæстæджы; не нтысы  уыцы æвдисæнты æрфæрсын кæцытæ цæрынц оккупацигонд Цхинвалы регионы   территорийыл æм сæм ис  хъуыддагæн  нысаниуæгджын  информаци.  Афтæма, абоны онг не нтысы зылынмæ лæвæрдты  æрцахсын, уымæн æмæ  сты  оккупацигонд  территорийыл.

Фæнысан кæнинаг у  цæмæй  фæдагуырд æххæстаргъджынæй  ауадзын  къуылымпы кæнынц  куыд Уæрæсейы  Фелераци, афтæ  йæ кантролы дæлбар  де-факто оргæнтæ, кæцытæ архайынц  фыдракæнд бамбæрзын  æмæ   фæдагуырдæн  фæд  афæливын;  фыдгæнджыты  æрыл дзурынæй,  Арчил Татунашвилийы  медицинон  экспертизæйы хатдзæгы фæмæнг кæныны фæрцы альтернативон верситы  æрымысын  æмæ  Гуырдзыстоны фæдæвзарæг оргæнты къуылымпыгæнгæйæ.

Гуырдзыстоны  юстицийы  министрад  хицауадимæ разыйæ,   нырма ноджы  уæд райдыдта  хъаст цæттæ кæнын  Страсбургы тæрхондонмæ  арвитынæн,  нæ хицауад  алы  амæлттæй  куы архайдта  Арчил Татунашвилийы  мардыбуары  Цхинвалы  регионæй  æрыздахынæн.

Страсбургы тæрхондон  хъастыл  тæрхон кæны Тæрхондоны регламенты æмæ   Европаг  Конвенцийæ бæрæг  процедурæты хъахъхъæнгæйæ» -хъусын кæнынц  Юстицийы  министрады.

Гуырдзыстоны паддзахадæн  ацы афонмæ ис  æхсæнпаддзахадон  дауу  Уæрæсейы  Федерациимæ.  Сæ нымæцы, фыццаг даууыл, кæцы Уæрæсейæ  Гуырдзыстоны æмбæстæгты  депортацимæ æххæссыд,  тæрхоныскуыд  нырид  бæрæг у  æмæ ацы  хъуыддаг фæцис  Гуырдзыстоны  уæлахиздзинадæй. Иннæ  дауу,  2008 азы  августы хæстмæ æххæссы,  Гуырдзыстоны  юстицийы министрад  бахыгъдгæнæн рабадтыл (2018 азы 23 майы)  аккагæй  ралæууыд æмæ  ныр  тæрхоныскуыдмæ  æнхъæлмæ кæсы.