Гуырдзыстон, Реконструкцийы æмæ Рæзынады Æхсæнадæмон Банкъимæ къухбафыст бадзырды фæлгæттты райсдзæн бюджеты æнцойдарæг кредит 45 милуан евро
Реконструкцийы æмæ Рæзынады Æхсæнадæмон Банкъимæ къухбафыст кредитон бадзырды фæлгæттты, Гуырдзыстонмæ æрбафтдзæн бюджеты æнцойдарæг кредит 45 милуан евройы бæрцæй.
Хæс уыдзæн 25 азы æмгъуыдмæ, уый нымæцы 14 азон уæлбары периодæй. Кредиты фæлгæтты афæдзон процентон хай, уыдзæн 1.25%-ы бæрц.
Гуырдзыстоны æмæ Реконструкцийы æмæ Рæзынады Æхсæнадæмон Банкъы (IBRD) кредитон бадзырд «Рæзынады политикæйы мадзал экономикон æткдæттыны æмæ конкурентхъомады тыххæй» цæугæ азы 30 марты баххæст ис. Кредитон бадзырды фæлгæтты, Дунейы Банкъ Гуырдзыстонæн рауæлдай кæндзæн 45 милуан евро, кæцы хаст æрцæудзæн паддзахадон бюджетмæ.