Гуырдзыстон-Португалийы æхсæн кусæн миграцийы бадзырдты фæлгæтты конкретон фадгуытæ æмæ квотæтæ фæбæрæг уыдзæн
Гуырдзыстон-Португалийы æхсæн рæстæгмæ кусæн миграцийы фарстайыл райдайгæ бадзырдты фæдылдзог этапыл конкретон фадгуытæ æмæ квотæтæ фæбæрæг уыдзæн.
Миграцийы æхсæнадæмон организацийы дзурынц, цæмæй уый тыххæй нырма Португалийы куысты базары иртасæн хъуамæ ацæуа, цæмæй хъæуындзинæдтæ рабæрæг уа. Организаци Гуырдзыстонæн Евроцæдисы бæстæтимæ легалон кусæн миграцийы æрдæм консультацитæ дæтты.
«Ам нæй иу универсалон формулæ, уый баст у контекст æмæ дыууæфарсон ахастытыл, афтæдæр куысты базарыл уæвæг хъæуындзинæдтыл. Ацы бадзырды имплементацийы механизм фæрсты æхсæн хъуамæ сразы уа, ацы процесс та, ацытæккæ цæуы. Зын у квотæты нымæцы прогноз раттын. Ахæм бадзырд нæм ныридæгæн ис Францимæ. Дæнцæн Фарнцы цауы, хицауад квотæ афæдзы мидæг Гуырдзыстоны 500 æмбæстагæн рауæлдай кодта. Фæлæ уый баст у ситуаци æмæ куысты базары хъæуындзинады конкретон бæстæты, афтæдæр уыцы æнхъарæныл, кæцы Гуырдзыстонæн йæ бон у ратта æндæртæн, æндæр æмæ æндæр фæлтæрдты кæнæ профилы хуызæй, кæцытæ ацы бæстæты сты хъæугæ» хъусын кæны æхсæнадæмон миграцийы организацийы миссийы къухдариуæггæнæг Саниа Челебич Луковац Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналимæ интервьюйы рæстæджы.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, легалон миграцийы æрдæм райдайгæ бадзырдтæ фæсарæнты цæрæг Гуырдзыстоны æмбæстæгтæн, кусæн бартæй уæлдай, бæстæйы экономикон райрæзтыл у фокусиргонд.
«Гуырдзыстон историонæй егъау эмиграци кæмæн ис ахæм бæстæ у, фылдæр та, эмиграци уыдис социалон-экономикон фактортæй мотивиргонд. Гуырдзиаг мигрантты фылдæр хай, сты а.х. «регулярон мигранттæ», кæцытæ кусынц æнæформалон секторы Евроцæдисы уæнг æмæ æндæр паддзахадты. Уый сын арæх æвзæрын кæны кусæн кæнæ адæймаджы барты састы рискъытæ, зæгъæн ис, цæмæй социалонæй къаддæр хъахъхъæд сты. Ацы фарста аскуыддзаг кæнынæн, кусæн миграцийы фарстайы æрбиноныг кæныны руаджы гуырдзиаг паддзахад фыццаджы дæр йæ æмбæстæгтыл ауды, фæлæ ацы фарста ноджы дардмæ дæр цæуы, Гуырдзыстоны райрæзты дæр, цымæн æмæ фæсарæнты кусджыты æхца æрвитæггæгтæ Гуырдзыстоны,, æххæст кæнынц сегасæй нысаниуæгджын дæр роль Гуырдзыстоны æмтгæйон мид продуктыл. Æрмæст 2017 азы, зæгъæн ис миллиард 360 милуан доллар растдæр фæсарæнты уæвæг гуырдзиæгты æрвыст уыд» – банысан кодта Саниа Челебич Луковац.
Æхсæнадæмон миграцийы организацийы программæты бынæттон координацигæнæг Натиа Квициани банысан кодта, цæмæй зæгъгæ ацы этапыл уæвæг бæрæггæнæнтæй, Евроæпйы куысты базарыл квалифициргонд, уæрæх профилы арæзтадон кусджытыл, æхсидджытыл æмæ транспортон сферæйы специалисттыл ис æркуырд. Организацийы нæ цух кæнынц, цæмæй фæдылдзог этаптыл, спецализацийы ареалы райрæза æмæ æркуырд нырид лæггады индустрийы, фысымуатты, агрокультурæйы кæнæ IT- технологиты фадыгы кусæг специалисттыл уа.
Организацийы дзурынц, цæмæй Польшæйы ныридæгæн скуыста рæстæгмæ миграцийы пилотон схемæ, кæцыйы фæлгæтты дæр Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ фенцондæргонд схемæйы руаджы, бæрæг уæлидзинæдтæй пайда кæнынц.
Гуырдзыстоны фæсаврæн хъуыддæгты министрады информацийæ, Гуырдзыстон æмæ Португали, рæстæгмæ кусæн миграцийы фæдыл æмкуысткæнынадыл æрныхас кодтой.
Уагдоны хъусинагæй, фæнысангонд фарста, Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр æмæ Португалийы æддагполитикъон уагдоны къухдариуæггæнæг, Давит Залкалианийы Лисабонмæ визиты рæстæджы æркастысты.