Гуырдзыстон-Португалиайы матчы гом равдыстмæ рацæуынæн автобустæ уæлрадон графикæй кусдзысты
Гуырдзиаг сæрхъызойтæ Европæйы футболы Чемпионатыл Гуырдзыстоны националон æмбырдгонд хъазты гом равдыстмæ ацыхатт дæр Михеил Месхийы номыл стадионыл кæсдзысты. Территорийыл Тбилисы мэриайы æмæ Гуырдзыстогны футболы федерацийы организацигондæй, æхсæз стыр экран смонтаж уыдзæн, стадионы æддæйæ та арызт уыдзæн хæрæндон зонæ.
Мадзалмæ бацыд фидинагæй уæгъд у. Гуырдзыстон-Португалиайы националон æмбырдгæндты æхсæн 26 июны плангонд матчы периоды, сæрхъызойты æнæкъуылымпыйæ змæлды нысанæн, муниципалон автобусты хай уæлдайгонд рæстæгæй кусдзæн.
Уыцы æмбæстæгтæн, кæцытæ матчмæ кæсынмæ Месхийы номыл стадионмæ рацæудзысты, балæггад кæндзысты автобустæ: N173, N301, N307, N311, N345, N351, N354, N358, N359, N385 æмæ N388, 27 июны 02:00 сахаты онг.