Гуырдзыстон нымадмæ нæ исы Уæлхох Карабахы ацæугæ а.х. парламентон æмæ президентон æвзæрстытæ
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад Уæлхох Карабахы ацæугæ а.х. парламентон æмæ президентон æвзæрстытæ нымадмæ нæ исы – уый фæдыл æддагполитикон уагдоны куырдиаты мидæг дзырдæуы.
«Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрад, йæ æнцойад сиды Азербайджаны Республикæйы суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинады æрдæм æмæ нымадмæ нæ исы а.х. парламентон æмæ президентон æвзæрстытæ, кæцы ацыд Уæлхох Карабахы 2020 азы 31 марты.
Гуырдзыстон æнцой дары Уæлхох Карабахы конфликты æрмæстдæр сабыр фæндæгтæй аскуыддзагæн, æхсæнадæмонæй нымад барады нормæты æмæ принциптæ хъахъхъæнгæйæ» – дзырдæуы Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады куырдиаты.