Гуырдзыстон хаст æрцыд дунейы сеппæтæй аслам бæстæты дæсоймæ
Гуырдзыстон хаст æрцыд дунейы сеппæтæй аслам бæстæты дæсоймæ

Гуырдзыстон Дунейы  сеппæтæй  аслам  бæстæты  дæсойы  æхсæн æрцыд хаст.  Рейтингы  бритайнаг  компани  MoveHub баххæст кодта.

Авторты   хъуыдымæ гæсгæйæ,  рейтингыл куысты рæстæджы  уыдон Numbeo-ы бæрæггæнæнтæй   спайда кодтой,   кæцы  æндæр æмæ æндæр   сахарты  æви бæстæты  цæрыны  стандарттæ  сбæрæг кæныю   Бæрæггæнæнты базæ  æндæр æмæ æндæр сахарты  пайдагæнæгон  æргъты   фæдыл  информацийы  иу кæны. Æдæппæт   лæвæрд сты 50 компонент, уый нымæцы   астæуккаг  æргътæ рестораны,  сæны авг, къофийы   аргъ æмæ а. д.

Рейтингмæ гæсгæйæ,   Европæйы сеппæтæй аслам у  цæрын  Украинæйы, дыккаг бынатыл ис Косово, æрмæст æртыккагыл та Гуырдзыстон.

Дунейы  сеппæтæй  аслам  паддзахадты  нымæцы  фыццаг бынат ахсы  Пакистан.  Фондзы æхсæн сты Египет, Инди æмæ Тунис.  Гуырдзыстон ацы цауы,  æвдæм позицийы  ахсы.  Дæсойы  афтæдæр ис  Гуырдзыстоны сыхаг Азербайджан,  кæцы  æстæм позицийыл уæвы. Дæсойы  мидæг афтæдæр ис  Бангладеш æмæ  Алжир.

Сеппæтæй  зынаргъ та, цæрын у  Бермуды  сакъадахтыл,  ацы æрдгæй  дыккаг бынатыл  ис Швейцари,  кæцыйы фæстæ цæуынц Ирланди,  Норвеги æмæ Багамы сакъадахтæ.  Зынаргъ бæстæты дæсойы  афтæдæр сты Люксембург, Дани, Сингапур, Япони æмæ Израиль.