Гуырдзыстон-Испанийы  æстæмфиналон матчмæ ацæуынæн сæрхъызойтæн  субсидиргонд цыппар чартерон рейс  сыххæст уыдзæн
Гуырдзыстон-Испанийы æстæмфиналон матчмæ ацæуынæн сæрхъызойтæн субсидиргонд цыппар чартерон рейс сыххæст уыдзæн

EURO 2024–ыл  Гуырдзыстоны æмбырдгондæн йæ фарс хæцынæн,  æстæмфиналы  матчмæ  абалц кæнынæн   билетты  уæй  райдыдта. Националон æмбырдгонды  сæрхъызойтæн билетты  балхæнын   сæ бон у  «tkt.ge»-ы платформæйыл  13:00 сахатæй. Иу фæндаджы аргъ  субсидиргонд рейсау   195 евро  у.  билетты  ауæйы мониторинг  афтæдæр, бæлцæтты регистрацийы  процесс æххæстæй  аэропортты иугонд  ифтонг кæны.

Гуырдзыстоны аэропортты иугонд  генералон директоры  Ираклий Каркашадзейы фидиуæнæй,  тахтытæ  гуырдзиаг авиакомпанитæ: «Джорджиан Эарвейс» æмæ «Джорджиан Вингс»  сыххæст кæндзысты.

«Фыццаджы дæр арфæ кæнын нæ æмбырдгондæн Евро 2024-ыл  историон уæлахиздзинады фæдыл æмæ æстæмфиналмæ ахизын.   Хъуамæ адарддæр кæнæм  истори фыссын нырид   Испанийы   æмбырдгондимæ. Уый тыхæй та  хъæуы  Кьольны  стадионыл, куыд гæнæн ис  афтæ   фылдæр гуырдзиаг сæрзхъхызой  уа  мобилизацигонд. Гуырдзыстоны  хицауаджы барамындæй  аэропортты иугонд  æнæаргъæвгæйæ райдыдта кусын  улæмхас чартерон рейсы  снысан кæныныл, куыддæр нæ  æмбырдгонд   къордон  матчы   Португалиайæн рамбылдта  плейофы историон  балцæг самал кодта. Авиакомпанитимæ æмæ партнер  аэропорттимæ бадзырдты  фæстиуæгæн  æмтгæй райсгæйæ Кьольны  æрдæм Тбилисы æхсæнадæмон  аэропортæй  æмæ  фæстæмæ, 29  июнæй  2  июлы периоды   цыппар субсидиргонд  чартерон тахт  сыххæст уыдзæн.  Балц кæнынæн билетты   балхæнын   сæрхъызойтæн сæ бон у  «tkt.ge» -ы платформæйыл   28 июны  13:00 сахатæй», –   райхъусын кодта  Ираклий Каркашадзе.

Гуырдзыстон-Испанийы æстæмфиналон матчмæ  ацæуынæн  æмбæлгæ   субсидиргонд чартерон тахтытæ  ахæм ранывæзтæй сыххæст уыдзæн:

29 июн –  Тбилис –  Кьольн,  атæхын 12:00

29 июн –  Тбилис –  Кьольн,  атæхын 19:00

30 июн –  Тбилис –  Кьольн,  атæхын 04:30

2 июл  Кьольн – Тбилис  ратæхын 15:00

Атæхæг  бæлцæттæ регистрацимæ  æмбæлгæ  аэропортты æртæ сахат рагафон хъуамæ  бацæуой. Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ   Кьольнмæ ацæуынæн хъæугæ документтимæ иумæ  хъуамæ бавдисой  Гуырдзыстоны æмбырдгонды  футболы матчмæ билеттæ. Гуырдзыстоны аэропортты  иугонд Германийы  Гуырдзыстоны  æмбырдгонд матчтæм  сæрхъызойтæн   æмтгæй  райсгæйæ организаци скодта  40-ы онг  чартерон рейс.