Гуырдзыстон ИНО-йы дунейы туризмы организацийы æххæстгæнæг советы рабадтæн сфысым кæндзæн
Абонæй æмæ 17 сентябр хынцæгæйæ Гуырдзыстон ИНО-йы Дунейы туризмы организацийы (UNWTO) æххæстгæнæг советы 112-æм рабадтæн фысым кæндзæн.
Гуырдзыстоны экономикæ æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министрады куы хъусын кæнынц афтæмæй, «Ковид-19»-ы пандемийы фæстæ уый дунейы прецедент цæмæн нæй ахæм бæрзонд рангы минæварадон мадзал у.
Апфтæма сæ хъусинагæй, ИНО-йы æххæстгæнæг советы 112-æм рабадтмæ делегатты нымæцы сты Испанийы, Грецийы, Португалийы, Румынийы, Мароккойы, Сауды Аравийы æмæ æндæр бæстæты бæрзонд рангы минæвæрттæ.
Экономикæйы министрады банысан кодтой, ома рабадт Дунейы æнæнизхъахъхъæды организацийы æмæ Гуырдзыстоны низты контролы æмæ æхсæнадон æнæнизхъахъхъæды националон центры гайдлайнты æмæ æдасдзинад æххæстæй хъахъхъæнгæйæ цæуы. Уый дарддæр ма, мадзал ацæудзæн фæнысангонд центры æмæ гуырдзиаг эпидемиологты лæмбынæг цæстдарды бын, чартеримæ , кæцыйæ Гуырдзыстонмæ минæварадон делегацитæ æрцæудзысты, цыппар эпидемиолог æрцæудзæн.
«ИНО-йы Дунейы туризмы организацийы æххæстгæнæг советы иугонд сты 35 уæнг паддзахад æмæ организацийы фæткдар орган у. Уый ифтонг кæны UNWTO-ы эффективон куыст æмæ глобалон бонвæткæйы бæрæг балцы æмæ туризмы индустрийы политикæйы сæйраг фарстатæ æркæсы. Афтæмæй зæгъæн ис, цæмæй постковидон периоды æхсæнадæмон туризмы рæзынады фидæны ориентиртæ растдæр Гуырдзыстоны фæбæрæг уыдзысты», – дзырдæуы экономикæйы министрады хъусинагы.
Мадзалы нысаниуæгмæ гæсгæ, Дунейы туризмы организацийы æххæстгæнæг советы рабадт активон срухс кæндзæн медиа – Гуырдзыстонмæ æрцæудзысты ахæм ахадæг медиафæрæзты минæвæрттæ, цахæм дæр сты «Нью-Йорк Таймс», «ВВС Тревел», «Евроньюс», испайнаг «Форбс», EFE News, «Дипломат», «Эл Эспаньол» æмæ æнд. Уымæ гæсгæ дæр, Гуырдзыстон ноджы иу хатт разындзæн Дунеййы прессæйы фокусы, куыд пандемийæ æдас бæстæ, цы ран ИНО-йы организаци – UNWTO йæ фыццаг постпандемион бæрзонд рангы фембæлд уадзы.