Фыццаг июнæй байгом уыдзысты сурзæххон арæнтæ, – уый фæдыл уынаффæ æхсæнуагдонон координацион советы рабадтыл рахастой.
Æхсæнуагдонон координацион советимæ архайæг оперативон штабы хистæр Гиорги Гъибрадзе куыд банысан кодта афтæмæй, арæныл рахизын гæнæн уыдзæн æххæстæй вакцинацийы бæлвырдгæнæн гæххæттимæ æмæ «PCR» тесты æппæрццаг дзуаппимæ.
«Сурзæххон арæнтæ байгом уыдзысты фыццаг июнæй. Арæныл рахизын гæнæн уыдзæн æххæстæй вакцинацийы бæлвырдгæнæн гæххæттимæ æмæ «PCR» тесты æппæрццаг дзуаппимæ, кæнæ фæстаг 72 сахаты дæргъы арызт «PCR» тесты æппæрццаг дзуаппæй. Ахæм цауы уæнгтæ, кæцытæ Гуырдзыстонмæ æрбахиздзысты, хæсджын уыдзысты, фæдылдзог 72 сахаты дæргъы фæлхатгæ «PCR» тест саразын. Уыимæ иумæ ма ис рекомендаци, цæмæй алы визиторæн хъуамæ уа æнæниздзинады фæдзæхсыны гæххæт, кæцы бамбæрздзæнис ковидимæ баст цаутæ», – фехуъсын кодта Гиорги Гъибрадзе.