Гуырдзыстон «Forbes»-ы сеппæтæй хуыздæр авды æхсæн – руагъдад публикаци скодта, пост-коронавирусон дунейы, сегасдæр бæрзонд туристон потенциал цы бæстæтм ис уыдоны номхыгъд
Гуырдзыстон, «Forbes»-ы сеппæтæй хуыздæр авды æхсæн – ахадæг рауагъдад публикаци скодта, постковидон дунейы сегасдæр стыр туристон потенциал кæмæ ис уыцы бæстæты номхыгъд. «Туризмы хæрдмæдзог стъалытæ – ацы авд бæстæйæн, пост-ковидон дунейы, сæйраг туристон æрдæмадтæй фестыны потенциал ис» – – Forbes–ы сеппæтæй хуыздæр авды æхсæн, Словениимæ, Тукнисимæ, Эфиопиимæ, Мьянмаимæ, Филлиппинтимæ æмæ Иранимæ иумæ ис Гуырдзыстон дæр.
« прецедент цæмæн нæй ахæм хауды фоныл, глобалон туризм, ирвæзтæн тох кæны. Ацы фоныл Дунейы бирæ бæстæтæ сæхи цæттæ кæнынц туристон буммæ, уый та æрцæудзæн, куыддæр дзы балцы фадат фæзындзæн афтæмæй. Иуæй-иу бæстæйæн уый у фыццаг фадат регионон туристон тыхæй фестын, фæлæ иуæй-иу паддзахад та ерын цæуы арызт дунейон классы туристон æрдæмадæй»- фыссы «Forbes»-ы журналист Джарид Ранахин.
«Арæх иу Гуырдзыстон хæццæ кæнынц алтамийы штатимæ (Джорджиайы штат), Гуырдзыстон Кавказы регионы идеалон туристон æрдæмадæй суыдзæн. Балц райдайут сæйрг горæтæй. Ацы зæрдæскъæфæг горæт у незаманы аргъуанты æмæ астæрд уынгтимæ рагон сыхты райгуырæн бæстæ. Балцы рæстæджы фендзыстут Гуырдзыстоны æрдзон авидзинад æмæ чысыл горæттæ. Æнæмæнгæй басгарут гуырдзиаг сæн. Гуырдзыстон зæххыцъарыл сегасдæр рагон сæны регион у. Хъæздыг æмæ популярон гуырдзиаг сæны истори, аст мин азыл æххæссы» – фыссы «Forbes»-ы журналист.
Информацийы хъусын кæны туризмы националон администраци.