Гуырдзыстон февралы «Ковакс» платформæйæ вакцинæмæ æнхъæлмæ кæсы
Уый фæдыл æнæниздзинады хъахъхъæды министр Екатерина Тикъарадзе расидтис.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, короновирусы ныхмæ вакцинайы фыццаг парти къордтыл адих уыдзæн.
«Мах æмкуыстдзинад æххæст кæнæм «Ковакс» платформаимæ, кæцы бæстæйы æрдыгæй æнæмæнгæй куры вакцинайы фæдыл план бавдыст. Дунейы æнæниздзинады организаци æмæ «Ковакс» платформайæн æвдыст у план. Гуырдзыстон февралы «Ковакс» платформæйæ вакцинæмæ æнхъæлмæ кæсы», – расидтис министр.