Гуырдзыстон Евроцæдисы ног инициативæмæ - Good Human Rights Stories æрцыд хаст
Гуырдзыстон, дунейы 15 бæстæимæ хаст æрцыд иумæ евроцæдисы ног инициативæмæ – Good Human Rights Stories (GHRS).
Адæймаджы барты фарстыты евроцæдисы специалон минæвары, Ставрос Ламбринидисисы фидиуæнæй, инциативæйы фæлгæтты бакуыст номхыгъдмæ хаст у адæймаджы барты сферæйы дæнцон æмæ нæтыстджын бæстæтæ, цы ран æрфидар ис адæймаджы барты тынг хорз системæ. Гуырдзыстон та, регионы у иунæг, кæцы уæлдæрбанысангонд номхыгъдмæ хаст æрцыд.
«Гуырдзыстонæн ис диссаджы æнтыстытæ адæмаджы барты хъахъъæды сæххæст æрдгæй. Ацы фарст, уыцы сидтыты зæрдылдаргæйæ кæцытæ нырмадæр ис, æндæртæн фæхай кæнынæн иттæг хорз уыдзæн. Тынг райгонд дæн, цæмæй ацы инициативæйы фæлгæтты ис фылдæр къуындæг æмкуысткæнынады фæндон. Мах куыд евроцæдис, хъал стæм Гуырдзыстонимæ партнерадæй ацы хизгæ этапыл, адæймаджы барты сферæйы æмæ йæ фарс хæцæм уæ уынаффæтæн, цæмæй срæвдз кæнат æрвылбойнонæй адæймаджы барты хъахъхъæды фæхуыздæр. Уый нæ алкæй дæр хъæуы» – банысан кодта уый Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Михеил Джанелидзеимæ фембæлды фæстæ уагъд пресс-конференцийыл.
Михеил Джанелидзе йæхи æрдгæй райгонддзинад равдыста адæймаджы барты фарстыты евроцæдисы специалон минæвары Гуырдзыстонмæ визитæй æмæ райхъусын кодта, цæмæй Гуырдзыстонæн стыр кад æмæ фадат у фæнысангонд инициативæмæ баиу.
«Адæймаджы барты фарстыты, Евроцæдисимæ тынг бæрзонд æмвæзады æмгуыстад нын ис. Махæн сæйраг приоритет у адæймаджы барты хъахъхъæд æмæ тынг бирæ реформæ сæххæст кодтам Гуырдзыстоны, кæцы æцæгæй дæр дæнцон у. Махæн тынг стыр кад у ацы инициативæмæ кæй баиу стæм æмæ фæхай кæнæм æндæр бæстæтæн нæхицæн цы позитивон фæлтæрддзинад ис «- райхъусын кодта Михеил Джанелидзе.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, дарддæр кæны Евроцæдисимæ куыст алы уыцы фарстыл, кæцы баст у Гуырдзыстоны демокративон рæзынадимæ, институтты фæтыхджындæр кæнынимæ æмæ сегасæй хуыздæр Европаг практикæ æмæ стандартты æрфидар кæнынимæ бæстæйы.
Инциативæ Good Human Rights Stories (GHRS) 2018 азы, «Адæймаджы барты æппæтадæмон декларацийы» райстæй 70 азы юбилеймæ гæсгæ, адæймаджы барты хъахъхъæды фарстыты, евроцæдисы специалон минæвар, Ставрос Ламбринидис бавдыста. Уымæн йæ нысан у, баахъаз кæна, дунейы адæмаджы барты хъахъхъæды æрдæм ног позитивон уацмысы апарахат кæнын.
Инициативæйы бындурыл, план кæны æнæформалон æхсæнрегионон къорды саразын, кæцыйæн йæ нысан у, адæймаджы барты хъахъъæды сферæйы дæнцон æмæ æнтыстджын историты апарахат кæнын. Гуырдзыстонимæ иумæ, æхсæнрегионалон къорды уæнгтæй хуынд сты – Норвеги, Аргентинæ, Ног Зеланди, Уругвай, Чиле, Индонези, Корея æмæ æндæртæ.