Гуырдзыстон-Евроцæдисы ассоцирдзинады ног боны фæтък йæ тыхмæ бацыд
Фарсыты æхсæн мидпроцедураты фæуды фæстæ , официалонæй скуыста Гуырдзыстон-Евроцæдисы ассоцирдзинады боны фæтък 2017-2020 æм азтæн. Уый фæдыл Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрад сиды. 2Ног боны фæтък ноджы абицион дæр у æмæ Гуырдзыстонæн дæтты фадат, цæмæй 2020-æм азы максималонæй æрбаввахс уа Евроцæдисы стандарттæм æмæ нормæтæм» -сидынц министрады. Уагдоны информацийæ, ассоцирдзинады боны фæтъкы Гуырдзыстон-Евроцæдисы æхсæн бадзырды сæйраг инструмент у æмæ йæ зæрдыл дары гуырдзыстон æмæ Евроцæдисы æхсæн конкретон приоритеттæ алы сферайы. Ацы рæстæгы, Гуырдзыстон ассоцирдзинады бадзырды сыххæсты активон фазайы ис –даргъ кæны законон æмæ институцион æрбаввахс, цæуы бындурæвæрд европон стандарттæ æндæр æмæ æндæр сфераты. Активон коммуникаци æмæ интенсивон æмкуыстдзинадæй уыд куыстгонд конкретон приоритеттæ ахæмтæ куыд: 1) демократи, адæймагы барты хъахъæд, хорз хицаудзинад æмæ институтты фæтыхджын;2) æттаг æмæ æдасдзинады политика; 3) сæрибардзинад æмæ æдасдзинад;4) базарад æмæ уыимæ баст фарстатæ; 5)экономикон размæцыд æмæ базарадон фадаттæ; 6) коммуникацитæ, энергоэффектондзинад, æрдзы хъахъæд, климат æмæ гражданон хъахъæд; 7) адæмы æхсæн бастдзинад.