Кулинарион веб-фарс chefspencil-ы бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстон бацыд «диетæтæй хæйрæджджын» бæстæты дæсоймæ.
Рейтинг агурæн системæ «гуглы» бæрæггæнæнты анализмæ гæсгæ сырæзт.
Куыд фæбæрæг, афтæмæй, Гуырдзыстоны æмбæстæгтæ сеппæтæй арæх агурынц «Диетатæ».
Фæнысангонд рейтингы фыццаг бынатыл ис Польшæ, дыккагыл – Австрали, æрмæст æртыкаг бынат бацахста АИШ-æ. Гуырдзыстон, «диетæтæй хæйрæджджын» бæстæты номхыгъды æвдæм бынат ахсы.
Уымæй уæлдай ма, иртасæнмæ гæсгæйæ, Гуырдзыстоны сеппæтæй популярон у «Дуканы Диетæ».