Гуырдзыстон æвзæрст уыд  Туризмы Дунейы Организацийы  æххæстгæнæг советы уæнгæй
Гуырдзыстон æвзæрст уыд Туризмы Дунейы Организацийы æххæстгæнæг советы уæнгæй

Гуырдзыстон Туризмы Дунейы  организацийы æххæстгæнæг  советы уæнгæй ссис  цыппар азы æмгъуыдмæ.  Æвзæрстытæ Грецийы сæйраг горæт Афинæты  организацийы  Европæйы  комиссийы  радæй  66-æм  фембæлды фæлгæтты  ацыд.

Гуырдзыстоны экономикæ æмæ æнæфæцудгæ рæзынады  министрады пресс-куысты  информацийæ,  организацийы  æххæстгæнæг  советы уæнг  35  падздахадæй  Гуырдзыстонæн схъæлæс кодтой  23  бæстæйæ.

«Гуырдзыстонæн  уыдзæн фадат  баиу уа  организацийы нысæнттæ сбæлдат кæнын æмæ дарддæр æнтыстджынæй  сыххæстмæ, афтæма сифтонг кæна йæ эффективон æмæ  рухсдзыд  куыст.  Гуырдзыстонæн йæ  стратегион   равæрды тыххæй,  уыдзæн фадат  бахъахъъхæнын, куыд Сау Денджызы, афтæ хурыскæсæн  Европæйы  регионты  интерестæ  туризмы  рапарахаты æрдгæй»,  – банысангонд у  экономикæ æмæ  æнæфæцудгæ  рæзынады  министрады информацийы.

Афтæ ма сæ хъусинагæй, ИНО-йы  туризмы   Дунейы организацийы æххæстгæнæг совет  35 уæнг паддзахадæй арызт у æмæ у  ТДО-ы  хицаугæнæг оргæн, кæцы ифтонг кæны  организацийы  эффективон   куыст æмæ   æркæсы  глобалон бонвæткæй  бæрæг  балцы æмæ  туризмы  индустрийы  политикæйы  сæйраг  фарстæтæ.