Гуырдзыстон æввахс периоды райсдзæн «Синофармайы»  вакцинæ
Гуырдзыстон æввахс периоды райсдзæн «Синофармайы» вакцинæ

Æнæнизхъахъхъæды   министрад  æввахс  фидæны, «Синофармайы»   вакцинæ райсдзæн, –  уый фæдыл æнæнизхъахъхъæды  министры  хæдивæг  Тамар Габуниа   фехъусын кодта.  Габуниайы  дзырдæй,  æввахс  бонты   китайы рауагъд вакцинæйæн  ратдзысты  æнæниздзинад хъахъхъæнынады  æппæтдунейон организацийы  авторизаци, цæй фæстæ дæр  препараты  Гуырдзыстонмæ æрласын суыдзæн гæнæн.

«Æнæнизхъахъхъæды министрад  æввахс  фидæны æнхъæлмæ кæсы «Синофармайы»   вакцинæмæ, кæцы афтæдæр ис æнæниздзинад хъахъхъæнынады  æппæтдунейон организацийы  авторизацийы  æнхъæлмæкæсыны  номхыгъды æмæ æввахс бонты  йæм лæвæрд уыдзæн авторизаци.  Афтæдæр  дарддæр  кæны  «Коваксы»  платформæйæ  вакцинæтæй ифтонгад.  Ай у  «Астразенекайы»  фæдылдзог парти, кæцы развæлгъау  информацийæ,  хъуамæ райсæм  апрелы  кæронмæ. Ай уыдзæн вакцинæ, кæцыйæ ауадздзыстæм вакцинацийы   дыккаг дозæ  уыцы  уæнгтæн, кæцытæ  ацы периоды  аразынц   фыццаг вакцинæ.  Фыццаг æмæ дыккаг  вакцинацийы  æхсæн рæстæг у  8-æй  12 къуырийы  онг.  «Астразенекайы» вакцинæ гæнæн ис,   афтæдæр райсæм комкоммæ  фæндагæй, бадзырдты фæстиуæгæн, фæлæ ацы  деталты фæстæдæр ноджы сбæлвырд  кæндызстæм», –   фехуъсын кодта Тамар Габуниа.

Ацы рæстæгмæ бæстæйы масштабæй  «Астразенекайы»  вакцинæйæ  низы ныхмæ æфтыд æрцыд  фондз минæй  фылдæр  æмбæстаг. Райсомæй  иммунизацийы   процесс америкаг  «Пфайзерйы»  дæр адарддæр уыдзæн. Бæстæмæ æрластой  «Пфайзеры» 14500  дозæ  ивгъуыд къуырийы.