Гуырдзыстон æмæ Сербийы æхсæн æнæвизон змæлды режим æввахс бонты скусдзæн
Гуырдзыстон æмæ Сербийы æхсæн æнæвизон змæлды режим æввахс бонты скусдзæн
Гуырдзыстон æмæ Сербийы æхсæн æнæвизон змæлды режим æввахс бонты æнæмæнг процедурæты фæуды фæстæ скусдзæн. Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министры информацимæ гæсгæ, снысангонд æскъуыддзагы фæдыл Сербийы æттаг хъуыдтæгты министр гуырдзийаг коллегаимæ фембæлды фæстæ арæзт пресс-конференцийыл расидтис. Йæ ныхасмæ гæсгæ, хицауад снысангонд фарстайы фæдыл бардзырд, радон рабадтыл расиддзæн.
Гуырдзыстон æмæ Сербийы æхсæн ординарон паспортты хицау уæнгтæн æнæвизон змæлды фæдыл бадзырд Белграды Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министры визиты рæстæджы сырæзт. Документ сæ къух Михаил Джанелидзе æмæ йæ сербийаг коллега æрфыстой.
Серби йæ фарсыл хæцы Гуырдзыстоны суверинитет æмæ територион æнæхъæндзинадæн. Бæстæйы европон интеграци æмæ Гуырдзыстонимæ дыууæфарсон æмкуыстдзинады фæарфдæр – уый фæдыл Сербийы президент Александр Вучич Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министр Михаил Джанелидзеимæ расидтис.
Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрады информацийæ Сербийы президент бахахх кодта Гуырдзыстоонимæ уæвæг æрдхордон æммахастытæ æмæ расидтис цæттæдзинад, йæ къух æрфысса бæстæты æхсæн æндæр æмæ æндæр сфераты æмкуыстдзинады размæцыд æмæ фарфдæрыл.
Фембæлдыл Тбилис æмæ Белграды æхсæн дипломативон миссийы скуысты онг дипломатты снысаны фадаттæ бакастытсты. Дыууæ фарс дæр расидтис цæттæдзинад йæ къух саразой ацы процессæн.
Сербимæ официалон визиты фæлгæтты Михаил Джанелидзе фембæлд афтæ дæр Сербийы премьер-министрыл. Плангонд сты фембæлдтæ Евроинтеграцийы министр æмæ Сербийы æттаг хъуыдтæгты министримæ, цæй рæстæджы дæр уыдзæн къухфыст бæстæты æхсæн æнæвизон змæлды фæдыл.