Гуырдзыстон æмæ Казахстан 2026-2027 азты æмгуыстады программæйыл къух æрфыстой
Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Мака Бочъоришвили Казахстаны фæсарæн хъуыдтæгты министр Эрмек Кошербаевимæ фембæлд.
Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрады информацийæ, фембæлдыл фарсытæ дыууæфарсон æмæ бирæфарсон æмкуыстдзинады актуалон фарстатыл фæныхас кодтой. Ныхас баххæссыд бæстæты æхсæн ахастыты фæарфдæр æмæ бæрзонд æмвæзады визитты нысаниуæгыл.
«Сæрмагонд хъусдард здæхт æрцыд дыууæ бæстæйы æхсæн базарадон æмæ экономикон бастдзинæдты фæтыхджындæр кæнынмæ, фарсытæ акцент сарæзтой Гуырдзыстон æмæ Казахстаны æхсæн къæлидоры размæцыды æмкуыстдзинадыл.
Фембæлды кæронбæттæны фæсарæн хъуыддæгты министртæ Гуырдзыстоны æмæ Казахстаны республикæйы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрадты æхсæн 2026-2027 азтæн æмгуыстады программæ бафыстой.
Официалон визиты фæлгæтты, Казахстаны æдтаг хъуыдтæгты министр Гуырдзыстоны президент, Михаил Хъавелашвили æмæ премьер-министр Ираклий Къобахидзеимæ фембæлдтæ сараздзæн» – ис фыст министрады расидæны.