Гуырдзыстон æмæ Азербайджаны æхсæн дипломативон ахастыты 25 азы сæр бæрæгбононæй банысан сты
Гуырдзыстон æмæ Азербайджаны æхсæн  дипломативон   ахастыты  25 азы сæр  бæрæгбононæй банысан сты

Гуырдзыстон æмæ Азербайджаны æхсæн  дипломативон   ахастыты  25 азы сæр  бæрæгбононæй банысан кодтой.

Юбилейон датæмæ гæсгæ,  Шота Руставелийы   номыл  паддзахадон   театры Гуырдзыстоны Азербайджаны Республикйы  минæварады  организацигондæй  лæвæрд æрцыд  концерт,   кæцыйыл   Гянджийы   паддзахадон   филармонийы  камерон ркестр ацагъдта.

Концерты онг    аудиторийы раз   ралæууыд  Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр  Михеил Джанелидзе æмæ  дыууæ бæстæйы  æхсæн   историон   хæлардзинады  æмæ  хæларсыхагон  ахастытыл фæныхас кодта.

«Ис нын  дæнцон   æмæ стратегион партнерад» – загъта  фæсарæн хъуыддæгты министр.

Афтæма,   æрымбырдуæвджытæм  дзырдæй басидтис  Азербайджаны минæвар   Дурсун  Гасанов.   Уый банысан кодта,  цæмæй  Азербайджан  Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинады  фарсхæцæг у зæгъгæ.   Фæныхас ма  кодта дыууæ бæстæйы æхсæн   экономикон æмæ    энергетикæйы , афтæдæр  транспорты æрдгæй   ахастыты фæдыл.

«Мах  æцæгдæр стыр  æнтыстыæм баххæссдзыстæм,  ай  у  дæнцон сыхагдзинад»  –   расидтис  Дурсун Гасанов.