Гуырдзыстон, 2022 азы  уыдзæн, Дунейы сеппæтæй стыр,  Берлины, туристон равдыст-армукайы  фысым бæстæ
Гуырдзыстон, 2022 азы уыдзæн, Дунейы сеппæтæй стыр, Берлины, туристон равдыст-армукайы фысым бæстæ

Дунейы   сеппæтæй  стыр   туристон   равдыст-армука,  кæцы  Берлины  цæуы,   ахицæн кодта,  Гуырдзыстон  скæна  2022  азы   ацы  равдысты  фысым  бæстæйæ –  уый  фæдыл   Гуырдзыстоны   премьер-министр   Гиорги Гахариа  райхъусын кодта.

Хицауады  сæргълæууæг  бахахх  кодта, цæмæй  уый  зæгъгæ  у  егъау  æнтыст, кæцыйы хайад исынц 180-йæ  фылдæр  бæстæ, æмæ  зæгъæн ис,  иу миллиардæй фылдæр  адæймаг.

«Туризм нæ экономикæйы  иуæй-иу сеппæтæй   нысаниуæгджын дæр  змæлынгæнæг  тых кæй  у  уый  уын бæрæг у.  Туризм  у  сеппæтæй  цырдæй   рæзгæ   сектор.  Цæй  зæгъын æй хъæуы   уый  уыдзæн ноджы  иу  размæ  арызт  къахдзæф, цæмæй  гуырдзиаг  экономикæйæн   туризм,  куыд  сферæ, уа  ноджы æнтыстджындæр æмæ  динамикон. Туризмы  алæвæрды эффект у  тынг бæрзонд  æмæ уырнæг дæн,   цæмæй   нæ  алкæцы æмбæстаг  банкъардзæн   ацы  равдысты  фæстиуджытæ туристты   нымæцы  фæфылдæрæй. Нæ нысан хъуамæ уа  Гуырдызстоны алы хъæуы æмæ  алкæцы æмбæстаг хъуамæ  зоной, цæмæй   Гуырдзыстонмæ æрцæугæ  турист у  æнтысты   ноджы иу  бæлвырдгæнæн  дæнц», – райхъусын кодта Гиорги Гахариа.