Гуырдзыстон 2020 азы тугтæрхоны барады æхсæнадæмон тæрхондоны тæрхоргæнджытæм кандидаты бавдисдзæн
Гуырдзыстоны вице-премьер, юстицийы министр Тея Цъулукиани, делегациимæ иумæ, Гаагайы тугтæрхоны барады æхсæнадæмон тæрхондоны уæнг паддзахадты 18-æм ассамблейы райсдзæн хайад.
Гуырдзыстоны юстицийы министрады информацийæ, визиты сæйраг нысан у, Гуырдзыстоны номæй Гаагайы тæрхондоны уæнг паддзахадты раз фидиуæн саразын уый фæдыл, ома Гуырдзыстон 2020 азы тугтæрхоны барады æхсæнадæмон тæрхондоны, тæрхонгæнджытæм кандидаты бавдисдзæн. Сæрмагондæй та, 2020 азы декабры, Гаагайы тæрхондоны уæнг бæстæты 19-æм ассамблейы фæлгæтты, кæцыйы 123 паддзахад райсдзæн хайад, æхсæз вакантон бынатмæ тæрхонгæнджытæ æндæр æмæ æндæр регионæй æрцæудзысты æвзæрст. Сæ нымæцы иу тæрхонгæнæг æвзæрст æрцæудзæн Европæйæ, уымæн æмæ йе æмгъуыд фæуд кæны ацы регионæй æвзæрст Чехаг тæрхонгæнæгæн. Гуырдзыстон растдæр фæнысангонд позицимæ бавдисдзæн кандидаты, кæцыйы сывзарынæн националон æмвæзадыл уагъд æрцæудзæн конкурс кæцыйы статусы æмæ ассамблейы резолюцийы æркуырдтæ æххæстæй хъахъхъæнгæйæ. Гуырдзыстонæй дарддæр, Скæсæн Европæйы къордæй кандидаты бавдисын сæ бон у ацы бæстæтæн: Албани, Босни, Болгари, Хорватий, Чехи, Эстони, Латви, Лиетувæ, Монтенегро, Цæгат Македони, Молдова, Румыни, Серби, Словаки, Словени.
Визиты фæлгæтты вице-премьер фембæлдтæ ауадздзæгн Гаагайы тæрхондоны къухдариуæггæнæг уæнгтимæ.
Юстицийы министрады делегацийы сконд сты юстицийы министры хæдивæг Гоча Лорткипанидзе æмæ юстицийы министрады æхсæнадæмон тæрхондæтты паддзахадон минæварады департаменты хистæр Бека Дзамашвили.