Гуырдзыстон 2020 азы сеппæтæй хуыздæр ног туристон ардæмадæй бавдыстæуыд

Гуырдзыстон 2020 азы  сеппæтæй  хуыздæр   туристон   ардæмадæй  схуыдтой.  30  маршрутæй  арызт  рейтинг, веб-портал  «Тревел Лемминг» рабæрæг кодта  дунейы   акæнæг  блогерты  хъæлæскæнынады  бындурыл.

Веб-портлы  аргълæвæрды  куыд у  банысангонд афтæмæй,   Гуырдзыстон гæнæн ис  Дунейы   балцы цыды  сеппæтæй   стыр  æмбæхст цæппузыр у.

Автор банысан кодта,  цæмæй  Гуырдзыстон  у тынг рæувадат  туристон ардæмад

«Æндæр ма  кæм уыдзæн уæ  бон   европаг стилæй  баулæфын, хуссар-скæсæн Азийы   улæфты  аргъæй?» – дзырдæуы   статийы.

Статийы  автор   бæлццæттæн  Гуырдзыстонмæ фæуазæг уын амоны  апрелæй   октябры онг  периоды. Фылдæр фендтæгты  æхсæн та  амоны  Ушгули, Къахеты сæны регион æмæ зæронд  Тбилис.

Статийы   афтæдæр  æвдыст у  рафарсты  иуæй-иу   хайадисæг  блогеры, Кейт  Макклайы   аргълæвæрд  уымæ гнæсгæ, цæмæй  цæмæн  сывзæрстой  Гуырдзыстон,  сеппæтæй   хуыздæр туристон  ардæмадæй.

«Гуырдзыстонмæ бирæ  ис  ахæм цыдæр цæй  банхъарын у  йæ  бон,  иуæй-иу сеппæтæй   тынгдæр  у  сæйраг сахар,  алæмæттаг  уæлхоз  пейзажтæ, æцæгдæр æнахуыр хæринæгтæ æмæ   сæн. Алцыппæт ай æмæ йæ  фантастикон  аргъ. Æз  æнхъæл дæн, цæмæй   Гуырдзыстон,  æввахс  цалдæр   азы  дæргъы  суыдзæн   дунейæн  иуæй-иу  сеппæтæй   тæвд ардæмадæй» –  банысан кодта Къейт  Маккълай.

30 туристон   ардæмады  номхыгъды  фыццаг  дæс  ахæм у: Гуырдзыстон, Нова Скъотиа, Къукъы  сакъадахтæ,  Руанда, Хъыргизи, Эквадор, Готтенбург (Швеци), Чарчил (Манитоба, Канадæ), Доминика  æмæ Узбекистан.