Гуырдзыстойнаг  лимоныл,  кивийыл,  сæнæфсирыл, хус дыргъ  æмæ æндæр продукттыл Турчы  архайæг квотæтæ аивдтой
Гуырдзыстойнаг лимоныл, кивийыл, сæнæфсирыл, хус дыргъ æмæ æндæр продукттыл Турчы архайæг квотæтæ аивдтой

Гуырдзыстоны экономикæйы æмæ æнæцудгæ тынгады  министрады информацийæ, турчы  сæйраг  сахар Анкарайы   гуырдзиаг æмæ   туркаг фæрсты æхсæн бадзырдты  кæронбæттæн  раунд   ацыд,   кæцыйыл  дыууæ бæстæйы делегациты фембæлд сырæзт.   Гуырдзыстон æмæ Турк  сæрибар базарады  архайæг   бадзырды   ауæрæхдæр кæныны  бадзырдтой.

Гуырдзиаг делегацийæн къухадариуæг кодта  фыццаг вице-паремьер,  экономикæйы  æмæ  æнæцудгæ тынгады  министр  Димитри Кумсишвили,  Турчы делегацийæн  та  бæстæйы  экономикæйы  министр  Нихат Зейбекчи.

Министрады хъусинагæй, бадзырды фæлгæтты,   гуырдзиаг лимоныл,   киви, сæнæфсир, хус дыргъты,  халсары æмæ дыргъы   консервты  æмæ  хæринаг ингредиенттыл уагæвæрд   квотæтæ  фæмацы сты.  Уымæй  уæлдай   квотæтæ райрæзтысты  ахæм продукцийыл,   цахæм дæр у мыд,   кæцыйыл Турчы  бæрзонд æркуырд ис.  Квотæтæ  афтæдæр  райрæзтысты    удæгас фысвосыл æмæ   хъомвосыл.