Гуырдзийаг бæллицы лидертæ Европарламенты фембæлдтæ æххæст кæнынц
Страсбургы куыстон визиты фæлгæтты, политикон иудзинад «Гуырдзийаг бæллиц-демокартион Гуырдзыстоны» генералон нымæрдар Каха Къаладзе æмæ æххæстгæнæг нымæрдар Ираклий Къобахидзе Европарламенты дыууæфасрон фембæлдтæ æххæст кæнынц.
Партийы сидынц, цæмæй лидертæ Европарламентар Михаел Галер, Сандра Калиенте, Володимер Шимочевиш æмæ Свен Миксерыл фембæлдысты.
Фембæлдыл ныхас баххæсыд Гуырдзыстоны ассоцирдзинады бадзырдæй хæсты сыххæст, плангонд æмæ цæугæ реформæтæ, Гуырдзыстоны уæвæг политикон процесстæ æмæ разæвзарæнон тыгъдады темæтæм.
Кахи Къаладлзейы ныхасмæ гæсгæ, фембæлдыл Гиги Угулавайы ахсты фæдыл фæныхас кодтой. Партийы информацийæ, «Гуырдзийаг бæллицы» лидертæ Европарламентартæн базонгæ кодтой инофрмаци, уый фæдыл æмæ снысангонд хъуыдтаг политикаимæ баст нæу, хъуыдтаг хауы 48 милуан лары æнæзакононæй бахардзмæ æмæ бæлвырдгæнджытæ ис. Афтæ дæр банысан кодтой, цæмæй 2018-æм азы фæстæ, Гуырдзыстоны æнæхъæн рæнхъ къахдзæфтæ уыд вæрд тæрхондон æмæ прокуратурайы хæдбардзинады къуымæй.