«Гуырдзийаг бæллиц» премьер-министры постмæ Гиоргий Гахария бавдыста
«Гуырдзийаг бæллиц» премьер-министры постмæ Гиоргий Гахария бавдыста

«Гуырдзийаг бæллиц» премьер-министры постмæ Гиоргий Гахария бавдыста

«ГБ» премьер-министры постмæ Гиоргий Гахария бавдыста. Расидæн уый фæдыл «ГБ» централон офисы, партийы политикон совет æмæ фылдæрады рабадты фæстæ партийы сæрдар Бидзина Иванишвили.

Гиоргий Гахария «Гуырдзийаг бæллицы» хицауады 2017-æм азы 13-æм ноябрæй мидхъуыдтæгты министр æмæ вице-премьеры постыл, афтæ дæр уый у националон æдасдзинады советы нымæрдар.Мамука Бахтадзе  абон  ахæлиугонд фидиуæны мидæг банысан кодта, цæмæй  уадзы премьер-министры пост.  Мамука Бахтадзе фыссы, цæмæй  йæ хуъыдымæ гæсгæ, йæ мисси  ацы этапыл  кæронмæ  сыххæст кодта.

«2018  азы  Гуырдзыстоны  премьер-министры  постмæ мæ бавдысты  нысан æмæ  сæйраг  мандат уыд  растдæр  бæстæйы  рæзынады стратегион фæлгæттæ  скæнын æмæ  æрфидар кæнын, кæцы  фæдылдзог  азты  дæргъы   сифтонг кодтаит  нæ паддзахадон нысæнттæм баххæссын, суыдаит бæстæйы рæзынады фæндагамонæг чиныгæй.

Рæзынады стратегион фæлгæт  арызт у, æрфидар ис æмæ уымæ æмбæлгæйæ дæр ахицæн кодтон  постæй хи суæгъд кæнын, уымæн æмæ мæ хъуыдымæ гæсгæ,  мæ мисси  ацы  этапыл сыххæст кодтон.

Мæнæн  стыр кад æмæ  иурæстæгонæй  бæрн уыдис  бакуыстаин Гуырдзыстоны премьер-министры рангы  мæ  бæстæйы  интерестæ бахъахъхъæнынæн».