Японийы цæугæ дунейы кубок регбийы Гуырдзыстоны æмбырдгонд йæ фæстагмæ матчмæ цæттæ кæны йæхи æмæ социалон активондзинад дарддæр кæны. Абон гуырдзиаг регбисттæ сахао Омаэзакийы мэримæ фæуазæг сты.
Мадзалы фæлгæтты, нæ æмбырдгонд, фысымтæн гуырдзиаг сæн æмæ басылыхъхъ балæвар кодта.
Бакой уын кæндзыстæм, цææмæй Гуырдзыстоны æмбырдгонд 11 октябры, Австралийы ныхмæ хъаздзæн, кæцы нæ балæн ацы чемпионатыл уыдзæн фæстаг матч. Аскуыддзаг ис уый дæр, æмæ «борджгъалосани»-тæ къорды мидæг цыппæрæм бынат бацахсдзысты æмæ фæдылдзог чемпионаты хайад райсынæн сæ бахъæудзæн квалификацион этап рацæуын.