Мах банхъардтам Германийæн, Гуырдзыстонæн ратта статус æдас бæстæты номхыгъды – уый тыххæй журналисттæн загъта мидхъуыддæгты министрады æхсæналæмон ахастытимæ куысты къухдариуæггæнæг Эка Мачъавариани.
Уый фæныхас кодта министры хæдивæг Нино Джавахадзейы Германи æмæ Австримæ визиты фæдыл дæр.
Уыйимæ иумæ Мачъавариани куыд банысан кодта афтæмæй, хиæмбæхсæнагурыджыты нымæц рæзы фæлæ фæдисон нымæц нæу зæгъгæ.
«Мидхъуыддæгты министры хæдивæг Нино Джавахадзе официалон визитæй уыд Германи æмæ Австрийы. Германийы уый фембæлд Цæгат Рейн-Вестфалийы мидхъуыддæгты министримæ æмæ æндæр официалон уæнгтимæ. Австрийы та сырæзтысты фембæлдтæ мидхъуыддæгты министрады. Нино Джавахадзе бавдыста инициативæтæ, кæцытæ плангонд сты Гуырдзыстоны хицауадæн. Сæрмагондæй та – мыггаг раивынмæ гæсгæ, афтæдæр полицийы атташейы институт фæфидардæр кæнын æмæ хъæугæ цауы та полицийы атташеты арвитын дæр.
Хиæмбæхсæн агурыджыты нымæц рæзы фæлæ фæдисон нæу. Æмкуысткæнынады конкретон плæнтты фæдыл не рдыгæй бавдыстæуыд информацийы баивд ацы закъондæттæн инициативæты фæдыл оперативон режимæй, кæцы немцаг æмæ австриаг фæрстæ райгонд баззадысты» – расидтис Мачъавариани.
ЙÆ ныхæстæмгæсгæ, 9 марты Европолы плангонд у мид хъуыддæгты министры визит. Мачъаварианийы информацийæ, къухбафыст æрцæудзысты дыууæ ахсджиаг мемрандумы, кæцытæм гæсгæ, МХМ, Европолмæ арвитдзæн æмцæдисон офицеры æмæ сырæздзæ информацийы баивды æдас къанал.
«Фæстаг информацийæ, Люксембург Гуырдзыстонæн ратта æдас бæстæйы статус. Ацы этапыл ахæм статус махæн ис авд бæстæимæ. Архайæм ацы номхыгъд ауæрæхдæр кæнæм» – расидтис Эка Мачъавариани.