Гуырдзиаг аргъуаны бæрзонд рангы уæнгтæ дарддæр кæнынц кæрæдзийы æргом кæнын
Аргъуаны мидæг цы амæлæты уавæр æмæ кризистæ ис, уыдоныл æххæст бæрн æвæрын Патриархыл æмæ йæ алыварс уæвджытыл – ахæм дзуапп дæтты Бардарæг Петре Цаава бардарæг Иакобы зноны фидиуæнтæн.
«Цæй зæгъын æй хъæуы, Синод æнæаргъæвгæйæ хуъамæ æрымбырд уа, фæнды ацы зноны скандалы тыххæй. Бæрн йæхимæ хъуамæ райса Каталикос-Патриарх, алы ацы фидиссаг уавæры æмæ кризисы тыххæй, кæцы аргъуаны æрбынат кодта æмæ кæцы рабæрæг ис» – райхъусын кодта Бардарæг Петре.
Знон телекомпани «Пирвели»-ы эфиры Гуырдзыстоны Каталикос-Патриархы корепископ Иакоб райхъусын кодта, цæмæй зæгхгæ хицауады минæвæрттæ йемæ, Патриархы фæивыны темæйыл бадзырдтæ райдаын хъавыдысты. Уый ранымадта фембæлды хайадисджыты – уæдиккон премьер Гиорги Къвирикашвили, нырыккон премьер Гиорги Гахариа æмæ ПÆК-ы раздæры къухдариуæггæнæг æмæ ныр мидхъуыддæгты министр Вахтанг Гомелаури. Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы «сусæгвæнд» бадзырды хайджын уыдысты аргъуаны минæвæрттæ дæр – дæнцæ, Бардарæг Петре æмæ кастæуыд æндæр æмæ æндæр веристæ – сæ нымæцы, Патриарзхы марындзинады гæнæн дæр.
Бардарæг Иакоб дзуары, цæмæй зæгъгæ Патриарх алцыдæр зоны.
Бардарæгы дзырдæй, уымæ ис алхуызæн документ æмæ дзуры, цæмæй зæгъгæ, кæд хицауад афтæ адарддæр кæндзæн, уæд хъæлæстæ нал райсдзæн.