Гуырдзиаг альпинисттæм, альпинизмы бæрзонддæр хорзæх «Piolet d’Or» лæвæрд уыд Францы, горæт Бриансоны #1TVSPORT
Дунейы альпинизмы сегасдæр престижон хорзæх «Piolet d’Or» гуырдзиаг альпинисттæм уыд лæвæрд. Бакар Гелашвилимæ, Арчил Бадриашвилимæ æмæ Гиорги Тъепнадземæ, хорзх лæвæрд уыд, Сарагрармæ (Пакистаны уæвæг цъити), кæцыйы бæрзæнд у 7300 метры, схизыны тыххæй, уымæн æмæ фæнысангонд цъитийыл нырма ничи схызтис æмæ фыццæгтæ растдæр Гуырдзиаг альпинисттæ сты. Нæ альпинисттæ цъитимæ схизынæн, сывзæрстой уникалон маршрут, кæцыйы æхсæнадæмон жюри егъау æнтыстыл банымадта. Хорзæхджын кæныны церемони Францы, горæт Бриансоны ацыд.