Гуырдызстоны хихъахъæнады тыхты кадрон ивæндзинæдтæ сырæзт
Гуырдызстоны хихъахъæнады тыхты кадрон ивæндзинæдтæ сырæзт

Гуырдызстоны хихъахъæнады тыхты кадрон ивæндзинæдтæ сырæзт

Абонæй хихъахъæнады тыхты сæрдары иуæй иу хæдивæгæй бригадайы генерал Ираклий Чъичъинадзе уыдзæн, кæцы уæдмæ фсæдтон бæрæгдзауы департаменты сæрдар уыд. Ираклий Чъичъинадзе 2000 азæй хихъахъæнады тыхты æндæр æмæ æндæр оперативон æмæ аналитикон позицитæ ахста, хайад иста афтæ дæр сабырадон операциты Иракъы. Ист у хихъахъæнады минситрады æндæр æмæ æндæр медаль, афтæ дæр иттæг хорз куысты Эстонийы хихъахъæнады тыхты медаль – «куыстон æфсæйнаг крест».

Гуырдызстоны хихъахъæнады тыхты ног сæйраг  сержант –сæйраг сержант Гиоргий Гогочъури у. Уый снысангонд позицийыл Коба Цинцадзейы фæивта.