Гуырдызстоны цалдæр  автомобилон фæндагыл арзайынц  змæлды специалон режимтæ
Гуырдызстоны цалдæр автомобилон фæндагыл арзайынц змæлды специалон режимтæ

Хъызты тыххæй  Гуырдзыстоны цалдæр  автомобилон фæндагыл  змæлды специалон  режимтæ архайынц.

Автомобилон  фæндæгты департаменты информацийæ,   змæлды  специалон  режимтæ архайынц  ацы  автомобилон фæндæгты бæрæг фадгуытыл:

Миты тыххæй, æхсæнадæмон  нысаниуæгы Мцхета-Степанцъминда-Ларсы  автомобилон фæндаджы Гудаури(Поста)-Къобийы фадыгыл, мидпаддзахадон  нысаниуæгы Кутаис(моцъамета)-Тхъибул-Амбролауры  фæндаджы км39-км 62 (Накералайы Æфцæг) фадыгыл  æмæ мидпаддзахадон  нысаниуæгы  Сачхере(Сарек -Узунта-Шкмери-Зудалы  автомобилон фæндагыл тобæгонд у  стыр уæзласæн   автотранспорты змæлд.

Интенсивон  митуарыны æмæ ныллæг температурæйы  тыххæй, мидпаддзахадон  нысаниуæгы Вазиан-Гомбор-Телауы  автомобилон фæндаджы км36-км47 (Тетрицъхълеби-Верона) фадыгыл  змæлд  уæгъд у æрмæстдæр дыууæ æмæ фылдæр хидджын  автотранспортæн.  Автомобилон фæндаджы  иннæ фадгуытыл  автотранспорты  змæлд   уæгъд у.